Бибылты Анатолий: Кобзон ныууагъта егъау фӕд Хуссар Иры цӕрджыты зӕрдӕты

Хуссар Ирыстоны президент тӕфӕрфӕстӕ ракодта Уӕрӕсейы курдиатджын зарӕггӕнӕг ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕджы мӕлӕты фӕдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik. Номдзыд зарӕггӕнӕг, Паддзахадон думӕйы депутат Иосиф Кобзон уыд йӕ райгуырӕн бӕстӕйы патриот, кӕцы ӕрцыд Хуссар Ирыстоны адӕмы фарсмӕ балӕууынмӕ 2008 азы хӕсты фӕстӕ, фехъусын кодта РХИ президент Бибылты Анатолий.

Амард Иосиф Кобзон

Кобзон ахицӕн йӕ цардӕй 80 аздзыдӕй. Президент банысан кодта, зӕгъгӕ, йын уыд тынг хъыг фехъусын Уӕрӕсейы зындгонд артисты мӕлӕты тыххӕй, кӕцыйы зарджытыл схъомыл сты ӕнӕхъӕн фӕлтӕртӕ.

"Иосиф Кобзон уыд ӕхсӕнадон архайӕг, йӕ райгуырӕн бӕстӕйы патриот, фидар ӕхсӕнадон позициимӕ адӕймаг. 2008 азы Иосиф Кобзон ӕрцыд Цхинвалмӕ хӕсты фӕстӕ, цӕмӕй балӕууа Хуссар Ирыстоны адӕмы фарсмӕ. Йӕ диссаджы концерт 2014 азы та ныууагъта егъау фӕд республикӕйы цӕрджыты зӕрдӕты", — дзырдӕуы Бибылты Анатолийы телы Паддзахадон думӕйы сӕргълӕууӕг Вячеслав Володинмӕ.

Иосиф Кобзоны мӕлӕт у егъау бӕллӕх, республикӕ хъынцъым кӕны ӕнӕхъӕн Уӕрӕсеимӕ иумӕ, бафтыдта Хуссар Ирыстоны президент.