ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хуссар Ирыстоны ахуыргӕнӕндӕттӕ фӕуд кӕнынц цӕттӕкӕнынад ног ахуырадон азмӕ: цалдӕр скъолайы агъуыстты ауагътой цалцӕггӕнӕн куыстытӕ ӕмӕ сног кодтой скъолайы библиотекӕтӕ, радзырдта Цхинвалы пресс-конференцийы ахуырады министры хӕдивӕг Гаглойты Элиса.
"Скъолаты уагъд цӕуынц цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Фӕлӕ цалдӕр скъолайы хъӕуы капиталонӕй сцалцӕг кӕнын — уыдон сты Цхинвайлаг дыккаг скъола ӕмӕ Дменисы скъола", — радзырдта Гаглойты Элиса.
Цалдӕр зындзинад фӕзынд цӕттӕкӕнынады фӕстаг этапыл, банысан кодта министры хӕдивӕг. Ирон ӕвзаджы чынгуыты хъуагдзинады проблемӕ иунӕг нӕу.
Гаглойты Элиса баныфсӕвӕрдта, республикӕйы ахуырадон министрад кӕй аразы уый фӕдыл ӕмбӕлгӕ мадзӕлттӕ: районты бюджетон фӕрӕзтӕй ӕлхӕд цӕуынц чингуытӕ. Фӕлӕ проблемӕ кӕронмӕ аскъуыддзаг кӕндзысты ӕрмӕст дӕр ног азы.
"5, 6 ӕмӕ 7 кълӕсты чингуытӕн нӕм фӕрӕзтӕ нал баззад. Ирон ӕвзаджы райрӕзты программӕ фӕцис 2016 азы, ӕмӕ кӕд ацы аз программӕ адарддӕр кӕной, уӕд мах балхӕндзыстӕм фаг чингуытӕ", — радзырдта Гаглойты Элиса.
Фӕстагмӕ министры хӕдивӕг банысан кодта, зӕгъгӕ, фыццагкъласонты нымӕц фӕстаг ӕзты кӕны фылдӕрӕй фылдӕр.
"Фыццаг хъусын кодтой, 2018 азы республикӕйы кӕй уыдзӕн 805 фыццагкъласоны, фӕлӕ знон министрады доклады фехъусын кодтой ног цифрӕ — 833. Уый у 80 адӕймаг фылдӕр 2017 азмӕ абаргӕйӕ", — банысан кодта Гаглойты Элиса.
Ахуырадон аз Хуссар Ирыстоны скъолаты райдайдзӕн 5 сентябры. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста указ, цӕмӕй ахӕссой ахуыры азы райдайӕны датӕ Бесланы трагедийы тыххӕй.