Президент балӕвар кодта рынчын сабитӕн инвалидон къаласкъӕтӕ

Республикӕйы сӕргълӕууӕг куыд фонд "Аланийы иудзинады" бындурӕвӕрӕг балхӕдта ӕмӕ балӕвар кодта СЦП-йӕ рынчын сабитӕн инвалидон къаласкъӕтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий балӕвар кодта инвалидон къаласкъӕтӕ ӕхсӕзаздзыд Къацты Милена ӕмӕ ӕвддӕсаздзыд Гаглойты Викторияйӕн, кӕцытӕ сты рынчын сывӕллӕтты церебралон параличӕй (СЦП).

Хуссар Иры президент балæвар кодта авд инвалидон къаласкъæ рынчынтæн

Ӕхсӕзаздзыд Миленайӕн уый размӕ къаласкъӕ нӕ уыд, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕг.

"Ныр та чызгӕн уыдзӕн къаласкъӕ ӕмӕ йӕ бон уыдзӕн уынгмӕ хизын тезгъо кӕнынмӕ", — загъта уый.

Афтӕ ма Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта ӕвддӕсаздзыд Гаглойты Викторияйы, кӕцы у рынчын ӕрмӕст СЦП-йӕ нӕ, фӕлӕ ма ӕндӕр низтӕй дӕр. Чызджы хиуӕттӕ радзырдтой, нырма йын кӕй хъӕуы цалдӕр операци.

Къаласкъӕтӕ балхӕдтой хӕрзаудӕн фонд "Аланийы иудзинад"-ы фӕрӕзтӕй, кӕцыйы иунӕг бындурӕвӕрӕг у Бибылты Анатолий куыд сӕрмагонд гоймаг. Фонды фӕрӕзты сӕйраг гуырӕн у йӕ бындурӕвӕрӕджы ӕмӕ хӕрзаудӕн бахасттӕ, афтӕ ма гранттӕ ӕмӕ бархионты куыст.