Хуызист ӕмӕ уазныв: Хуссар Иры национ музейы равӕрдтой Хетӕгкаты Къостайы куыстытӕ

Уазджытӕн сӕ бон уыдзӕн фенын ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕджы дыууӕ куысты - "Портрет А. Поповой" ӕмӕ "Спас Нерукотворный"
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 сен — Sputnik. Номдзыд ирон поэт Хетӕгкаты Къостайы куыстытӕ фыццаг хатт равдыстой Хуссар Ирыстоны Национ музейы, хъусын кӕны РХИ хицауады пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий радта Национ музейӕн ног экспонаттӕ

Амӕйразмӕ музейы фӕзынд цалдӕр ног хайады, уыдон бакодтой Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымадыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн.

"Ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къоста зындгонд у куыд курдиатджын нывгӕнӕг ӕмӕ уазнывгӕнӕг. Фыццаг хатт музейы агъуысты равдыстой ӕцӕг хӕзнатӕ: националон генийы куыстытӕ — "Портрет А. Поповой" ӕмӕ "Спас Нерукотворный", — радзырдта музейы директор Зассеты Мераб.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕмӕй ног экспозицитӕ юбилеймӕ баконд ӕрцыдаиккой, уый тыххӕй музейы коллектив егъау куыст бакодта.

"Дыкккаг уӕладзыджы залы хайадтӕм ма бафтыдтам цыппар, сӕйраджыдӕр, Хуссар Ирыстоны истори революцийы размӕ ӕмӕ йӕ фӕстӕ, спорты сгуыхтдзинӕдтӕн нывонд, афтӕ ма дзы фӕзынд хайад, кӕцы у нывонд Хетӕгкаты Къостайӕн, стӕй президенты лӕвӕртты хайад. Тагъд рӕстӕджы ӕрбацӕуджытӕ фендзысты советон стилы хатӕн", — банысан кодта Зассеты Мераб.

Уый банысан кодта, азы райдайӕнӕй музеймӕ ӕрбацӕуджыты нымӕц кӕй у авд мины. Уӕлдай бирӕ адӕм ӕрбацыд Ӕппӕтирон уанел ӕмӕ РХИ Хӕдбардзинады банымады бон.