Ӕхсӕвы "уазӕг": Цхинвалы абырӕг бахызт сылгоймаджы фатермӕ

Фыдгӕнӕг бахызт Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаджы фатермӕ рудзынджы уылты ӕмӕ йын байста йӕ "Айфон"
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ агурынц Цхинвалы 29-аздзыд цӕрӕджы, кӕцы хуыцаубоны ӕхсӕвы бахызт горӕты 38-аздзыд цӕрӕг сылгомайджы фатермӕ ӕмӕ йын байста йӕ мобилон телефон. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Уагдоны радзырдтой, фыдгӕнӕг кӕй бахызт сылгоймагмӕ рудзынджы уылты, "цалдӕр хатт ын йӕ сӕр ныццавта, уый фӕстӕ йын йӕ мобилон телефон байста ӕмӕ фӕтары ис фыдракӕнды бынатӕй".

Фыдгӕнӕджы гоймагдзинад рабӕрӕг ис, агуры йӕ милици. Адавгӕ смартфон iPhone 5 аргъ у 19 мин сом, банысан кодтой МХМ.