Аттракционтӕ "Ирон"-ӕй: боксер фембӕлдзӕн сывӕллӕттимӕ Дзӕуджыхъӕуы парчы

Ирон боксер ӕрныхас кӕндзӕн сывӕллӕтты аттракционты паркмӕ ӕрбацӕуджытимӕ Цӕгат Ирыстоны столицӕйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 сен — Sputnik. Ирон боксер Гасситы Мурӕты фӕхуыдтой Дзӕуджыхъӕуы сывӕллӕтты аттракционты паркмӕ цыппӕрӕмы, 6 сентябры, цӕмӕй ӕрныхас кӕна сабитимӕ — йӕ балцы рӕстӕджы спортсмен банхъардта саразын аттракционтӕ ӕнӕфидгӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодта парчы пресс-службӕ социалон хызӕг Instagram-ы йӕ официалон фарсыл.

Гасситы Мурӕт йе 'нӕниздзинады тыххӕй: мӕхи хатын иттӕг хорз

"Мах бахатыдыстӕм Гасситы Мурӕтмӕ, цӕмӕй ӕрбацӕуа Сывӕллӕтты паркмӕ йӕ чысыл табугӕнджытимӕ ӕрныхас кӕнынмӕ ӕмӕ семӕ нывтӕ сисынмӕ. Мах хъуыды кӕнӕм, сывӕллӕттӕн уый кӕй уыдзӕн хорз фӕлтӕрддзинад ӕмӕ Гасситы Мурӕтимӕ фембӕлды фӕрцы нӕ республикӕйы уыдзӕн ноджы фылдӕр чемпионтӕ ӕмӕ ӕгъдауджын адӕм", — банысан кодта парчы директор Будтуты Руслан.

Аттракционтӕ иууылдӕр уыдзысты ӕнӕфидгӕ 13 сахатӕй 15 сахатмӕ — ахӕм хъӕппӕрис бахаста Гасситы Мурӕт.