Цхинвалы ссардтой Беслӕны теракты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Горӕты цӕрджытӕ сӕвӕрдтой дидинджытӕ Мад Майрӕмы аргъуаны цур ӕмӕ ауагътой урс тымбылӕгтӕ амӕттаг сывӕллӕтты мысынӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 сен — Sputnik, Уалыты Диана. Ӕрвылаз дӕр сентябры Ирыстон скӕны саутӕ ӕнаххос амӕттӕгты мысгӕйӕ, кӕцытӕ фӕмард сты 2004 азы Беслӕны теракты рӕстӕджы. Ӕртыккӕгӕм сентябры — теракты ӕртыккӕгӕм боны — Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны уагъд цӕуынц мысӕн акцитӕ.

Траурные мероприятия по Беслану

Къуырисӕры Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ ӕрӕмбырд сты Мад Майрӕмы аргъуаны цур Сӕрибары фӕзуатыл, цӕмӕй ссарой Беслӕны скъолайы теракты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ. Цхинвайлаг скъоладзаутӕ ауагътой 334 урс уӕлдӕфон тымбылӕджы — теракты амӕттӕгты нымӕц.

Ӕнӕхъӕн фӕзуат уыд йемыдзаг дидинджытӕй, хъазӕнтӕй ӕмӕ доны ӕвгтӕй. Ӕрбацӕуджытӕ сабырӕй лӕууыдысты, мысыдысты 2004 аз ӕмӕ адӕмы, кӕцытӕ амардысты уыцы скъолайы.

1 / 4
Цхинвалы ссардтой Беслӕны теракты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
2 / 4
Цхинвалы ссардтой Беслӕны теракты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
3 / 4
Цхинвалы ссардтой Беслӕны теракты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
4 / 4
Цхинвалы ссардтой Беслӕны теракты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

2004 азы 1 сентябры террористтӕ систой амынӕты 1128 адӕймаджы ӕмӕ сӕ дардтой скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны. Трагедийы фӕстиуӕгӕн фӕмард 334 адӕймаджы. Фыдохы мадзӕлттӕ уагъд цӕуынц Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы горӕтты дӕр.