Хуссар Иры скъолатӕ сгары МСНК кусӕгон куыйтимӕ

Къорды сапертӕ ныридӕгӕн басгӕрстой Цхинвалы ахуыргӕнӕндӕттӕ ӕмӕ ахызтысты районты скъолатӕм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) Сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) сапертӕ сгарынц сӕрмагонд техникон фӕрӕзтӕ ӕмӕ кусӕгон куыйты руаджы республикӕйы ахуыргӕнӕндӕттӕ, хъусын кӕны барадхъахъхъӕнӕг уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры милици рахызт службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ

Къуырисӕры къорды кусджытӕ басгӕрстой скъолатӕ ӕмӕ ӕндӕр ахуыргӕнӕндӕттӕ Цхинвалы, абон та ацыдысты республикӕйы районтӕм.

"Басгӕрсты фӕстӕ милицийы кусджытӕ ӕрвылбон хъахъхъӕндзысты ахуыргӕнӕндӕттӕ", — банысан кодтой МХМ.

Ахуырадон аз Хуссар Ирыстоны скъолаты райдайдзӕн 5 сентябры. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд, цӕмӕй ахӕссой ахуыры азы райдайӕны датӕ Бесланы трагедийы тыххӕй.

Республикӕйы скъолатӕм бацӕудзӕн 6,6 минӕй фылдӕр ахуырдзауы, уыдонӕй 800 сты фыццагкъласонтӕ.