УУМ скъолаты ӕдасдзинады тыххӕй: ивартӕй проблемӕ нӕ аскъуыддзаг уыдзӕн

Уагдоны кусджытӕ райдыдтой аразын акттӕ басгӕрсты фӕстиуӕгӕн, кӕцытӕ стӕй арвитдзысты республикӕйы прокуратурӕ ӕмӕ хицауадмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) ног ахуырадон азы райдианы размӕ басгӕрста республикӕйы скъолатӕ зынгирвӕзты ӕдасдзинады фӕдыл. Уагдоны пресс-службӕ фехъусын кодта, зӕгъгӕ, сӕйраг фехӕлдтӕ, кӕцытӕ сбӕрӕг кодтой басгӕрстты рӕстӕджы, сты ӕвзӕр донифтонгад ӕмӕ хӕлд сигнализаци.

УУМ аскъуыддзаг кодта сӕхгӕнын Цхинвалы скъолатӕй иу

Скъолатӕ ифтонг сты ӕрмӕстдӕр зынгирвӕзты ӕдасдзинады фыццаг фӕрӕзтӕй — стендтӕ, артхуыссынгӕнӕнтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕй.

"Никӕцы скъолайы нӕй донуаттӕ. Ӕвзӕр донифтонгад дзы ис. Мах ӕмбарӕм, горӕты дӕр кӕй ис ахӕм проблемӕтӕ, районты та скъолатӕ централон донӕввонгмӕ иу не сты. Сӕ проблемӕ нӕу, ӕмӕ дирекцийӕн йӕ бон фарст аскъуыддзаг кӕнын нӕу, фӕлӕ уӕддӕр уый у фехӕлд", — радӕтта УУМ пресс-службӕ уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Цоциты Азӕмӕты ныхӕстӕ.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, ӕмбӕлон ӕмвӕзадыл нӕй сигнализаци дӕр, уый хорз кусы ӕрмӕст 12-ӕм ӕмӕ ма ноджы цалдӕр скъолайы.

Цоциты Азӕмӕты ныхӕстӕм гӕсгӕ, системӕты фылдӕр хай сарӕзтой 2008 азы августы хӕсты фӕстӕ.

"Уыдон нӕ специалисттӕ нӕ сарӕзтой. Афтӕ ма уыцы куыстытӕ чи кодта, уыдонимӕ хъуамӕ бафыстаиккой бадзырдтӕ, цӕмӕй ӕрвылаз кӕсой ситемӕтӕм. Ӕрдӕгаз иу хатт хъуамӕ сыгъдӕг кӕной фӕрсудзӕнтӕ, ӕнӕхъӕн системӕйы та хъуамӕ сгарой", — бамбарын кодта министры хӕдивӕг.

Цоциты Азӕмӕт радзырдта, кӕй рахицӕн кодтой фӕрӕзтӕ, цӕмӕй сигнализацийы системӕ ивд ӕрцӕуа.

Фыццагкъласонтӕ фылдӕр кӕнынц: Хуссар Иры ахуырады министрад ног ахуыры азы тыххӕй

Ныр та УУМ специалисттӕ аразынц акттӕ, кӕцытӕ арвитдзысты республикӕйы прокуратурӕ ӕмӕ хицауадмӕ.

"Бахатыдыстӕм цӕмӕй сӕххӕст кӕной ӕмбӕлгӕ мадзӕлттӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, гӕнӕн ис ивар кӕнын фехӕлдты тыххӕй дирекциты, фӕлӕ афтид ивартӕй проблемӕ нӕ аскъуыддзаг кӕндзыстӕм. Уыдон сты бюджетон уагдӕттӕ ӕмӕ ивартӕ уӕддӕр фиддзысты бюджетон фӕрӕзтӕй", — загъта Цоциты Азӕмӕт.

Сабидӕтты тыххӕй та уый банысан кодта, зӕгъгӕ, уыдон ифтонг сты алцӕмӕйдӕр, сигнализацийы системӕтӕ дзы сарӕзтой бынӕттон специалисттӕ, кӕцытӕм гӕнӕн ис фӕдзурын, цӕмӕй проблемӕтӕ аиуварс кӕной.