Зонындзинӕдты бон: Хуссар Иры райдыдта ахуыры аз

Ахуыр райдыдта фӕстӕдӕр Беслӕны трагедийы 14-ӕм афӕдзы боны тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ахуыргӕнӕндӕттӕ ӕртыццӕджы ӕрбакодтой сӕ дуӕрттӕ ахуырдзаутӕн — республикӕйы райдыдта ног ахуыры аз.

Хуссар Иры милици рахызт службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ

Ацы аз ахуыр райдыдта цалдӕр бон фӕстӕдӕр — республикӕйы президент бафыста указ, цӕмӕй Зонындзинӕдты бон ахӕссой 1-ӕй 5-ӕм сентябрьмӕ Беслӕны трагедийы афӕдзы боны тыххӕй.

Ахуыр райдыдта 53 скъолайы, уыдонмӕ бацыдысты 6,6 мин скъоладзауы, кӕцытӕй 800 сты фыццагкъласонтӕ. Афтӕ ма ахуыр райдыдта ХИПУ, бирӕпрофилон колледж, музыкалон ӕмӕ аивадон ахуыргӕнӕндӕтты ӕмӕ дыууӕ музыкалон скъолайы.

Бӕрӕгбонон линейкӕты рӕстӕджы ӕххӕст цӕуынц ӕдасдзинады мадзӕлттӕ — Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ рахызтысты службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ.