"Фарны" тыллæг: маргъ, халсар æмæ сæн

Амалиуæгад "Фарн", науæд та "Знаур продукт" дæс азмæ йæхицæн скодта республикӕйы иууыл хъомысджындæр куыстуаты ном
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны иууыл хъомысджындæр амалиуӕгадтӕй иу "Знаур продукт" республикæйы базармæ æрвылаз уадзы хӕдзарон маргъы хицæн хуызтæ мингæйттæй, дæсгай тонтæ сæн æмæ æнæкæрон нымæц джитъри, пъамидор æмæ æндæр халсар.

Джиоты бинонты чысыл импери ныридæгæн у йӕ тæккæ размæцыдыл, фермерон хæдзарадæн йæ ном хъуыстгонд у æгас Хуссар Иры, ныр та уидæгтæ уадзынц Цæгат Иры дæр.

"Знаур продукт"-ы райгуырд

Индивидуалон амалиуæгад "Фарн" Знауыры районы фæзынд 2007 азы. Ном ын йӕ хицау Джиоты Рустем равзæрста йæ райгуырæн хъæуы (Фарныхъӕу) номмæ гæсгæ, фæлæ фæстæдæр, куыстуаты хъомысад куыд рæзт, афтæ йæ рацæрæзтой арæнвæрд бæрндзинады æхсæнад "Знаур продукт"-мæ.

Фермерское хозяйство в Знауре

Фыццаг фæлварæн разынд æнтыстджын — чысыл амалиуæгад дæс азмæ райрæзт, ӕмӕ ныридæгæн Джиоты Рустемы рауагъдон импери æгас район æмæ республикæйы иу хайы ифтонг кæны сезоны халсарæй, дыргъæй, фыдызгъæлæй, фæлæ сæйраджыдӕр йӕ ном хъуыстгонд у куыд маргъдарæг.

Знауыраг маргъ

Кæрчытæ, гогызтæ, цицыртæ, уæрццытæ æмæ æндæр маргъ мингæйттæй парахат цæуынц Ирыстоны, хъæуты цæрджытæ къуыртт ӕвæрыны бæсты цъиутæ æлхæнынц Знауыры, фæстæ нæ лæууынц ресторанты хицӕуттӕ æмæ чындзæхсӕвгӕнджытӕ дӕр.

Фермерское хозяйство в Знауре

Амалиуæгад æрбынат кодта Знауыры райцентры. Фермӕйы сӕйраг фидыцтӕ сты французаг породæйы гогызтæ — урсытæ æмæ фæныкгъуызтæ. Егъау хатæны хæларæй æмдзард кæнынц минæй фылдæр гогызы, æрбацæуæг сын дардæй дӕр фехъусы сæ уасын.

"Фарон нæм уыд 500 гогызы, ацы аз сæ фæфылдæр кодтам. Гогызæн ис пайдаджын дзидза, фæлæ йæ дарын зæндæр у. 70 бон сæ хъæуы хъомыл кæнын æмæ сæ уый фæстæ ауæй кæнæм. 3 сентябрьмæ бахъомыл сты 800 маргъы ӕмӕ сæ райдайдзыстӕм уæй кæнын. Уый фæстæ ма сæм адæм сæхӕдæг базилынц иу-дыууæ мæйы æмæ сӕ уӕз 20 кг ахизы", — дзуры амалиуæгады хистæр Джиоты Рустем.

"Знаур продукт" у уайдзæф æдзух кусынæн цæлхдуртæ чи ары, уыдонæн. Маргъдарыны куыст цæуы æнæрлæугæйæ — гогыз, карк æмæ æндæр магъ кæрӕдзи ивынц. Ӕмрӕстӕджы ам хъомыл кæны 11 минæй фылдæр маргъы. Ныридæгæн сæм карчы сезон нæй, ӕрмӕст хъомыл кæнынц лӕгуынхъуыр кæрчытæ, уыдон нымæцæй сты къаддæр. Сыхагиуӕг сын кæнынц цицыртæ.

Фермерское хозяйство в Знауре

"Ӕргæвддзыстæм сæ мæйы фæстæ, дыууæ кг уæй цæуы 500 сомыл. Дзæуджыхъæу æмæ Уӕрӕсейы уый лæууы 600-1000 сомы. Иууыл пайдаджындæр æмæ хæрзаддæр фыд ис уымæн. Чысыл сабийæн, науæд аллергия кæмæн ис, уыдонæн цицыры дзидза бынтондӕр ницы рахъыг кæндзæн", — ныфс дæтты Рустам.

Фермерон хæдзарад раджы ахызт æрмæст маргъдарды арæнтæй. Стыр хъомдоны бахизæны иунӕгæй бастæй лæууы иу егъау гал.

"Мах кæнæм фосдарды куыст дæр — аздзыд род æлхæнæм, иу аз сæм зилæм æмæ сæ афтæмæй уæй кæнæм. Ныр ма нын дзы æрмæстдæр иу баззад. Уый ссис 400 кг бæрц", — дзуры амалиуæгады бардарæг.

Ныридæгæн куыстуаты ис Рустамæн йæ фырт Русланы къухы, фыд та йæ ных сарæзта Дзæуджыхъæуы базармæ ахизынмæ.

"Фæнды мæ Дзæуджыхъæуы дæр маргъдарды куыст саразын, уым æлхæнæг дæр фылдæр ис, цæрджыты нымæц горæты у фылдæр. Ам та архайдзæн мæ фырт", — дзуры Рустам.

"Фарны" халсар

Амалиуæгады иу стыр хай та ахсынц цæхæрадæттæ æмæ дæргъдæттæ. Сезоны ам æрæмбырд кæнынц тонгай джитъри æмæ пъамидор. Ныридæгæн сезон у фæудхъус. Цыппар хъæрмуаты рухсдзыд агъуыстыты бын рæгъæд кæнынц пъамидортæ. Кæд хъæууон цæрджытæн сæ пъамидор рæгъæдафон бамбийы, уæд знауыраг халсарæн фесæфынæй тас нæу.

"Пырх сæ кæнæм хосӕй алы къæвдайы фæстæ дæр, цух не сты донхæрæй дæр. Сæ тала сын æлхæнæм Кæсæг-Балхъары, сты низы ныхмæ фидар", — зæгъы Руслан.

Фермерское хозяйство в Знауре

Джиоты Рустем бизнесæй дарддæр куыста районы разамонæджы бынаты дæр. Хъæууон хæдзарады райрæзты охыл уыцы рæстæджы районы бирæсывæллонджын бинонтæй цалдæрæн лæвæрд æрцыд хъармуаттæ кредиты хуызы.

"Иууылдæр æнтыстджынæй кусынц абон дæр, иу дæр дзы нæ фæмæнг ис. Фыццаг фиддон куы бахастой, уæд сын сæ куыстыл æнувыддзинад уынгæйæ президент ныххатыр кодта сæ хæс Ныййарæджы боны цытæн", — банысан кодта Рустам.

Хъармуатты хицæуттæ сæхæдæг та бæллынц сæ куыст рауæрæх кæнынмæ.

Фермерское хозяйство в Знауре

"Куыст дзы бирæ ис, фæлæ пайда дæр хæссы. Бинонты дарын хъæуы æмæ куыст рауæрæх кæнынæн фæрæзтæ æрæмбырд кæнын не ʻнтысы. Хорз ма уаид, кредиттæ куы дæттикой уæлбартимæ. Ӕндæр ницы зындзинад ис, æлхæнæг йæхæдæг цæуы, æххæсгæ дæр сыл нæ кæнæм. Сыгъдæг продукт алкæйдæр хъæуы", — дзуыр Тхелидзе Нугзар.

Сæндон, сæнæфсир æмæ сæн

Джиотæ ма æмрæстæджы сарæзтой сæндæттæ дæр — сау æмæ урс сæнæфсиры цупæлттæ рæгъæд кæнынц, райы сӕ цӕст.

"Ӕз нырма чысыл уыдтæн, афтæмæй ныккалдтам ацы сæндæттæ, ныр уыдон тыллæг хæссын райдыдтой. 10 тонны сæн ис нæ ныккæндты ныр дæр. Æрвылаз дæр саразӕм, нæхи сæнæфсирæй дарддæр ма æлхæнгæ дæр бакæнæм. Нӕ сӕн нын ӕлхæнынц чындзæхсæвтæм æмæ стыр бадтæм", — зæгъы Руслан.

Фермерское хозяйство в Знауре

Джиоты фирмæйы бинонтӕй дарддæр фæллой кæнынц районы цæрджытæ дæр, ис сæм æдзухон æмæ сезонон кусджытæ.

"Дыууæ нæм кусы æрцæугæтæ, фæйнæ 25 мин сомы сын фидæм. Сæхимæ 8 миныл куыстой мæй, ардыгæй та сæ бинонтæн æрвитынц хуыздæр фæрæзтæ. Цæрæнбынӕттæ дæр сын радтам. Бынæттон кусджытæ дæр нæм ис цалдæр. Стæй сезоны бирæ куыст куы вæййы, уӕд ма уæлæмхасæй фæхонæм кусджыты", — радзырдта ӕвзонг амалиуӕггӕнӕг.

Фермерское хозяйство в Знауре

Ӕрмӕст ныртӕккӕ Цхинвалы "Знаур продукт" нал цæуы уæй, ис сын магазин поселочы, стæй хæдзарады дуæрттæ гом сты алкæддæр.