Зонындзинӕдтӕм Ленингормӕ

Ног ахуыры аз Ленингоры поселочы райдыдта скъолайы презентацийӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны бакодтой ног скъола. Районон центрмӕ ахуыргӕнӕндоны бакондмӕ ӕрцыдысты бирӕ алыгъуызон уазджытӕ, журналисттӕ.

Уазджыты ӕхсӕн уыдысты Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, республикӕйы хицауады сӕрдар Пухаты Эрик, ахуырады министры хӕдивӕг Гаглойты Элиса, "Россотрудничество"-йы разамонӕг Виктор Скворцов ӕмӕ йӕ уынаффӕгӕнӕг Дмитрий Гужеля.

Открытие новой школы в Ленингоре

Бӕрӕгбонон линейкӕ бакодтой Ленингоры уӕрӕсейаг астӕуккаг скъолайы ахуырдзаутӕ. Дыууӕ бӕстӕйы гимнтӕ ӕххӕст кӕнын ӕмӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы паддзахадон тырысаты схӕцыны фӕстӕ ӕрӕмбырдуӕвджытӕн раарфӕ кодта Ленингоры районы сӕргълӕууӕг Хацырты Филипп.

Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик республикӕйы къухдариуӕгады номӕй загъта бузныг уӕрӕсейаг хицауад ӕмӕ хуымӕтӕг адӕмӕн сӕ хайбавӕрды тыххӕй Ирыстоны сывӕллӕтты фидӕны.

"Фӕнды мӕ банысан кӕнын, ног скъола кӕй сарӕзтӕуыд Уӕрӕсейы Федерацийы фӕрӕзтӕй, ӕмӕ мӕ республикӕйы къухдариуӕгады номӕй фӕнды зӕгъын бузныг Уӕрӕсейӕн уый тыххӕй. Афтӕ ма стыр бузныг аразджытӕн, кӕцытӕ куыстой ацы объектыл. Алкӕмӕндӕр арфӕ кӕнын ахӕм нысаниуӕгджын цауы цытӕн", — банысан кодта Пухаты Эрик.

Ленингоры ног скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕ загътой бузныг аразджытӕн, хицауадӕн, ахуыргӕнджытӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр, чи бахаста йӕ хайбавӕрд ацы арӕзтады.

Линейкӕйы фӕстӕ уазджытӕ, ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ссардтой 2004 азы Бесланы трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ.

1 / 5
Хуссар Ирыстоны бакодтой ног скъола.
2 / 5
Ахуырдзау
3 / 5
Хуссар Ирыстоны бакодтой ног скъола.
4 / 5
Хуссар Ирыстоны бакодтой ног скъола.
5 / 5
Хуссар Ирыстоны бакодтой ног скъола.