Абхазы расидтысты фыдохы бон премьер-министры мӕлӕты тыххӕй

Абхазы хицауады сӕрдар Геннадий Гагулия фӕмард аварийы фӕстиуӕгӕн сабаты, 8 сентябры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik. Абхазы президент Рауль Хаджимба расидт ӕртыццӕг, 12 сентябрь, фыдохы бон бӕстӕйы премьер-министры мӕлӕты тыххӕй, хъусын кӕны Sputnik Абхаз.

Гагулия фӕмард цӕфтӕй, кӕцытӕ райста аварийы фӕстиуӕгӕн официалон балцы фӕстӕ республикӕйы делегацийы сконды Сиримӕ.

Фыдохы бон ӕнӕхъӕн республикӕйы ӕруадздзысты паддзахадон тырысатӕ, аивдзысты культурон ӕмӕ хиирхӕфсӕн мадзӕлттӕ.

Агентады информацимӕ гӕсгӕ, авари ӕрцыд республикон трассӕйы 47 километрыл. Кортеж цыд Сочийы аэропортӕй Абхазмӕ. Блабырхуа хъӕуы цур ВАЗ-21099 хӕдтулгӕ сӕмбӕлд "Toyota Camry" хӕдтулгӕйыл, кӕцыйы уыд Абхазы хицауады сӕрдар Геннадий Гагулия. Гагулия фӕмард цӕфтӕй рынчындонмӕ фӕндагыл.