ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг хъӕбысхӕцӕг, Уӕрӕсейы чемпион Цӕкулаты Батырбег ссис ӕхсӕнадӕмон турниры уӕлахиздзау уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрад.
Турнир "Мемориал Циолковского" цыд Варшавайы (Польша) ӕмӕ фӕцис хуыцаубоны.
"92 килограмм уӕзы категорийы финалы ирон спортсмен рамбылдта Нургали Нургайыпулыйы Казахстанӕй 5:2 хыгъдӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Польшайы архайдтой Европӕ ӕмӕ Азийы хуыздӕр хъӕбысхӕцджытӕ. Ацы ерысты фӕстӕ уыдзӕн сезоны сӕйраг турнир — дунейы чемпионат Парижы.