Хуссар Иры фӕндӕгтыл уавӕр: иу авари ӕмӕ сӕдӕ фехӕлды

Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ иу къуыримӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды фӕткы 200 фехӕлдӕй фылдӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри не сбӕрӕг кодтой фыдракӕндтӕ, республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд иу фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ), хъусын кӕны къуырисӕры Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Иры МХМ фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй: фондз авари иу къуыримӕ

Авари ӕрцыд майрӕмбоны Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Цхинвал-Знауыр фӕндаджы фыццӕгӕм километрыл. Тбеты хъӕуы 31-аздзыд цӕрӕг, кӕцы цыд Цхинвалмӕ "Chevrolet Niva" хӕдтулгӕйыл, нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд газы хӕтӕлыл, кӕцы цӕфы фӕстиуӕгӕн зиан баййӕфта.

Медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, шофыр кӕй уыд ӕрвонг.

Аварийы фӕстиуджытӕ аиуварс кодтой цауӕй дыууӕ сахат фӕстӕдӕр.

Афтӕ ма Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ иу къуыримӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды фӕткы 232 фехӕлды. 16 хатт шофыртӕ скъӕрдтой нозтджынӕй.