Цӕгат Иры сисдзысты киноныв Нарты кадджыты тыххӕй

Лентӕйы режиссер уыдзӕн журналист, режиссер-документалист, Мӕскуыйы журналистты цӕдисы уӕнг – Павел Рязанцев
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сисдзысты документалон киноныв Нарты кадджыты тыххӕй, хъусын кӕны мыхуыры фӕрӕз "Слово" Цӕгат Ирыстоны националон ахастыты фӕдыл министрады пресс-службӕйы ныхӕстӕ.

Лентӕйы режиссер уыдзӕн журналист, режиссер-документалист, Мӕскуыйы журналистты цӕдисы уӕнг — Павел Рязанцев, кӕцы ӕрцӕудзӕн республикӕмӕ дыццӕджы.

Дзæуджыхъæумæ "фæуазæг" уыдзысты Нарты хъайтартæ

Рязанцев бацӕудзӕн парк "Нӕртон"-мӕ, фембӕлдзӕн ансамбль "Уацамонгӕ"-йы коллективимӕ. Афтӕ ма режиссер ацӕудзӕн Дыгуры коммӕ, цы ран ис Мацута хъӕуы сӕйраг фендтаг — нарт Сосланы ингӕн.

Афтӕ ма проекты фӕлгӕтты, кӕцы арӕзт цӕуы Уӕрӕсейы Федерацийы президенты уынаффӕмӕ гӕсгӕ "УФ президенты гранттӕ раттыны фӕдыл сфӕлдыстадон проектты ӕххуысӕн", режиссер фембӕлдзӕн ахуыргондтимӕ, кӕцытӕ иртасынц Нарты кадджыты тематикӕ.