Цхинвайлаг дзюдоисткæ Ӕлборты Аланæ рамбылдта ЦКФЗ ерыстæ

Спортсменкæ йæ спортивон æнтыстæй бакодта фæндаг Уæрæсейы фыццагадмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 сент — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ирон дзюдоисткæ Ӕлборты Аланæ рамбылдта Цæгат Кавказы Федералон зылды ерыстæ Кæсæг- Балхъары республикæйы. Ацы æнтыст æмæ æхсæнадæмон ерысты уæлахизы фæрцы чызг райста балцæг Уæрæсейы фыццагадмæ, фехъусын кодта Sputnik чызджы тренер Тъуриты Тенгиз.

Ӕлборты Алана архайы +70кг уæзы, йæ сæйраг нысаныл нымайы Олимпиадæйы.

Дзюдо Цхинвалы: чызджытæ тохы

"Ацы аз Ӕлборты Аланæ æвдисы диссаджы бæрæггæнæнтæ. Цалынмæ Цæгат Кавказы Федералон зылды ерыстæ рамбылдта, уæдмæ ссис æхсæнадæмон ерысты уæлахиздзау Абхазы. Тынг сæрыстыр дзы дæн, уый бонæй-бон æввахсдæр кæны йæ сæйраг нысанмæ. Ноябры та уый стох кæндзæн Уæрæсейы фыццагады", — загъта тренер Тъуриты Тенгиз.

Цхинвайлаг 16-аздзыд дзюдоисткæ, спорты мастертæм кандидат Ӕлборты Аланæ ныридæгæн йæхи цæттæ кæны Мæскуыйы.

Чызджы дзюдойæ цæттæ кæнын райдыдта Советон цæдисы спорты мастер, фыццаг категорийы тренер Тъуриты Тенгиз, ныридæгæн та дзюдоисткæимæ кусы Уæрæсейы сгуыхт тренер Гæбæраты Автандил.