Бибылты Анатолий: Асад у националон лидер

Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг банысан кодта, зӕгъгӕ, Сирийы ӕнтыстытӕ фылдӕр сты сириаг лидеры сгуыхтдзинӕдтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта президент Башар Асадӕн йӕ райгуырӕн боны цытӕн, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Арфӕйы телы Бибылты Анатолий бахахх кодта, зӕгъгӕ, хъӕбатырдзинад, йӕ Фыдыбӕстӕмӕ ӕнувыддзинад баххуыс кодтой Асадӕн сӕххӕст кӕнын ахӕм ӕнтыстытӕ ӕмӕ суын националон лидер.

"Дӕ фидар позици Сирийы паддзахад хъахъхъӕнынады ӕмӕ активон куысты руаджы, кӕцы здӕхт у сириаг адӕмы хӕрзӕбонӕн, фӕзынд егъау авторитет дӕуӕн куыд Сирийы, афтӕ ма фӕсарӕнты дӕр", — банысан кодта президент.

Бибылты Анатолий: Хуссар Ир ӕмӕ Сирийы бизнесментӕ райтынг кӕндзысты бастдзинӕдтӕ

Президент радзырдта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстон йӕ хъус дары Сирийы ӕнтыстытӕм, кӕцытӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сты сириаг лидеры сгуыхтдзинӕдтӕ.

Афтӕ ма уый банысан кодта, Хуссар Ирыстон бузныг кӕй у САР-ы ӕххуысы тыххӕй нӕ республикӕйӕн ӕмӕ суверенитет банымайыны тыххӕй.

Паддзахады сӕргълӕууӕг баныфсӕвӕрдта, зӕгъгӕ, сириаг-хуссарирыстойнаг ахастытӕ дарддӕр дӕр фидар кӕндзысты ӕмӕ райтынг уыдзысты.