Хуссар Иры рӕстдинонтӕн уыдзӕн фадат Мад Майрӕмы уазнывӕн акувын

Уазныв ныридӕгӕн ӕрластой Цӕгат Ирыстонмӕ, цы ран Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы ацыд службӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстонмӕ ацы улӕфӕн бонты ӕрласдзысты Мад Майрӕмы уазныв "Семистрельная", хъусын кӕны телеканал Осетия-Ирыстон.

Хуызист ӕмӕ уазныв: Хуссар Иры национ музейы равӕрдтой Хетӕгкаты Къостайы куыстытӕ

Уазныв ныридӕгӕн ӕрластой Цӕгат Ирыстонмӕ, цы ран Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы ацыд службӕ.

Мад Майрӕмы уазныв "Знæт зæрдæтæ фæлмæнгæнæг" (æвдфатон) ссис зындгонд 20 азы размӕ — фыццаг йӕ тых равдыста мӕскуыйаг хуымӕтӕг фатеры.

Фондз бон уазныв уыдзӕн Дзӕуджыхъӕуы фондз аргъуаны. Дыццӕджы уыдзӕн Уӕлахизхӕссӕг Георгийы аргъуаны, 12 сентябры — Ирон аргъуаны, 13 сентябры — Фырсыгъдӕг Мад Майрӕмы аргъуаны, уый фӕстӕ та Ильинаг аргъуаны.