Петербургаг дохтыртæ уадзынц химæист Дзæуджыхъæуы

Санкт-Петербурджы специалисттæ Цæгат Ирыстоны уыдзысты 6 боны. Уыцы рæстæгмæ 22 дохтыры лæггад кæндзысты республикæйы районты цæрджытæн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 сен — Sputnik. Цæгат Ирыстонмæ та ссыд радон медицинон десант Санкт-Петербургæй. Онкологтæ, кардиологтæ, неврологтæ æвзарынц уæззаудæр рынчынты, æмæ сæ сæхи дзæбæх кæнынмæ æрвитынц Санкт-Петербургмæ, хъусын кæны ПТРК "Алания".

6 боны дæргъы республикæйы районты араздзысты æркæстытæ. Фыццаг æркаст скодтой Горæтгæрон районы цæрджытæн.

"Онкологтæ, кардиологтæ, неврологтæ уал фыццаг аразынц консультацитæ. Дохтыртæм, куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр бирæ адæм æрбацыд. Республикæйæн хорз бастдзинад ис Санкт-Петербурджы фыццаг паддзахадон медицинон университетимæ", —дзырдæуы хъусинаджы

Алкæмæдæр хъуамæ уа медицинон полис.