Аст майданы рамбылдтой ирон богалтæ Сомихы

Ӕхсæнадæмон турниры пьедесталы иууыл бæрзонддæр къæпхæнмæ схызтысты Тускъаты Азæмæт, Бæдтиаты Артур æмæ Соттиты Асланбег
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 сен — Sputnik. Ирон богалтæ æнтыстджынæй бацархайдтой Сомихы Степан Саргсяны призтыл æхсæнадæмон турниры уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ирæттæ рамбылдтой аст хорзæхы, уыдонæй æртæ сыгъзæрин, хъусын кæны 15 регион.

Дыууæ ирон богал рамбылдтой Уæрæсейы чемпионат

Пьедесталы иууыл бæрзонддæр къæпхæнмæ схызтысты Тускъаты Азæмæт (57 кг онг), Бæдтиаты Артур (65 кг онг) æмæ Соттиты Асланбег (92 кг онг).

"Æвзист майдантæ райстой Наниты Славик (86 кг онг) æмæ Бæззаты Тимур (125 кг онг). "Бронзæ" лæвæрд æрцыд Хайты Марат, Нартыхты Радик (сæ дыууæ дæр 86 кг онг) æмæ Тæпситы Тамерлан (92 кг онг)", — дзырдæуы хъусинаджы.