Хуссар Иры МХМ бафӕдзӕхста велосипедистты бӕрны тыххӕй

Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, велосипедисттӕ арӕх нӕ феххӕст кӕнынц фӕндагон змӕлды фӕтктӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 сен — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ) ӕрсидт велисипедисттӕм, цӕмӕй ӕххӕст кӕной фӕндагон змӕлды фӕтк ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхста сӕ фехӕлдты фӕдыл бӕрны тыххӕй, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.

Милици ӕрныхас кодта ӕгъдауы фӕдыл скъоладзаутимӕ Цхинвалы

Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, велосипед ссис змӕлды тынг популярон фӕрӕз.

"Велосипедисттӕ арӕх фӕцӕуынц ӕрмӕст къахвӕндагыл нӕ, фӕлӕ свӕййынц фӕндагон змӕлды хайадисджытӕ ӕмӕ уый тыххӕй уыдон хъуамӕ зоной велосипедистты фӕндагон змӕлды фӕтктӕ", — радзырдтой МХМ.

Фӕндагон хъусдарды хистӕр паддзахадон автоинспектор, милицийы майор Бесаты Александры ныхӕстӕм гӕсгӕ, велосипедисттӕ не 'ххӕст кӕнынц фӕндагон змӕлды фӕтктӕ, афтӕ ма сӕ транспортон фӕрӕзтыл нӕй рухсы нысӕнттӕ.

"Сӕрмагонд хъусдард уыдзӕн велосипедисттӕм. Алкӕцы ныййарӕг дӕр хъуамӕ йӕ цӕст дара йӕ сывӕллӕттӕм, кӕцытӕ скъӕрынц горӕты уынгтыл ӕмӕ аразынц аварион цаутӕ. Дарддӕр иу сӕ ӕрбаздӕхдзыстӕм административон бӕрнмӕ", — загъта Бесаты Александр.

Кӕд велосипедист хъыг дара ӕндӕр транспортон фӕрӕзты, уӕд уый хъуамӕ бафида ивар 1000 мин сомы. Кӕд велосипедист зиан ӕрхӕсса змӕлды ӕндӕр хайадисӕгӕн, уӕд ивар уыдзӕн 1500 мин сомы.

Кӕд ӕмӕ сывӕллон фехала фӕндагон змӕлды фӕтк, уӕд бӕрн хӕсдзысты йӕ ныййарджытӕ.