ЦХИНВАЛ, 17 сен — Sputnik. Ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл ӕрцыд цыппар аварийы — иу цауы фӕстиуӕгӕн амард чысыл саби, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды фӕткты 246 фехӕлды. 13 шофыры скъӕрдтой хӕдтулгӕ нозтджынӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Афтӕ ма 9-16 сентябры арӕзт ӕрцыд ис цыппар фыдракӕнды, кӕцытӕй сбӕрӕг кодтой дыууӕйы. Административон бӕрнмӕ ӕрбаздӕхтой цалдӕр адӕймаджы, уыдонӕй дыууӕйы — наркотикон буарадтӕй ӕнӕзаконон пайда кӕныны тыххӕй.