Нартæ æмæ Алантæ: Дзæуджыхъæуы æрбайгом нывты равдыст

Равдысты ис зындгонд нывгæнджытæ Дзанайты Азæнбеджы, Сабанты Хаджумары, Айларты Таймуразы, Дзиуаты Батразы, Джыккайты Мураты æмæ Тугъанты Мухарбеджы куыстытæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 сен — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Тугъанты Махарбеджы номыл музейы байгом цымыдисон равдыст. Экспозицийы сты ирыстойнаг нывгæнджыты уацмыстæ, се ʻппæт дæр баст сты Нарты эпос æмæ аланты историимæ, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Уым фенæн ис Тугъанты Махарбеджы графикон цикл, стæй йæ зындгонд куыст "Нарты куывд".

Ахуыргæндтæ бæрзонд аргъ скодтой Гаглойты Юрийы чиныг "Нартæ æмæ Алантæн"

"Нарты эпос æмæ аланты истори фенæн ис хицæн нывгæнджыты цæстæнгасæй. Ам ис зындгонд нывгæнджытæ Дзанайты Азæнбеджы, Сабанты Хаджумары, Айларты Таймуразы, Дзиуаты Батразы, Джыккайты Мураты, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Тугъанты Мухарбеджы куыстытæ дæр. Музейы æртæ залы æрæмбырд кодтой æрыгон авторты нывтæ дæр ацы темæйы фæдыл", — дзырдæуы хъусинаджы.

Рагон царды мидис бамбарын æмæ диссаджы нывтæ фенын адæмæн сæ бон уыдзæн сентябры кæронмæ.