Цхинвалы ацӕудзӕн уӕрӕсейаг университетты равдыст-презентаци

Уӕрӕсейы хуыздӕр ахуыргӕнӕндӕтты минӕвӕрттӕ ӕрдзурдзысты квалификаци фӕхуыздӕр кӕныны программӕтыл ӕмӕ университеттӕм бацӕуыны уавӕртыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты 26 сентябры ацӕудзӕн уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕтты равдыст-презентаци "Образование в России — старт успешного будущего", кӕцы сорганизаци кодта Уӕрӕсейаг зонад ӕмӕ культурӕйы центр ахуырады фӕдыл ӕмгуыстады агентад Russia.Study.-имӕ иумӕ.

Хуссар Иры сывӕллӕтты бон уыдзӕн ахуыр кӕнын УФ Хъахъхъӕнынады министрады скъолаты

Ӕрбацӕуджытӕн уыдзӕн фадат базонын квалификаци фӕхуыздӕр кӕныны программӕты тыххӕй, дыккаг уӕлдӕр ахуырад райсын ӕмӕ магистратурӕмӕ бацӕуыны уавӕрты тыххӕй.

Равдыстмӕ ӕрхуыдтой Менделеевы номыл Уӕрӕсейаг химико-технологон университет (Мӕскуы), Уралы федералон университет (Екатеринбург), Севастополы паддзахадон университет ӕмӕ ӕндӕрты.

Ахуыргӕнӕндӕттӕ равдисдзысты цӕттӕкӕнынады сӕйраг здӕхтытӕ: гуманитарон, техникон, физико-математикон, зонадон.

Афтӕ ма равдыст-презентацийы рӕстӕджы ауадздзысты конкурс электронон планшет рамбулыныл, банысан кодтой организатортӕ.