Тæргайаг бронзæ: Дудайты Донна ссис æфсæддон æмтохæдты хъæзтыты призер

Цхинвайлаг каратисткæ, бирæнымæц ерысты уæлахиздзау ацы призон бынат нымайы йæ карьерæйы ахадгæ къуыхцыйыл, уыцы хъуыдыйыл разы у йæ тренер дæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Кекусин-кан каратейы федерацийы хъомылгæнинаг Дудайты Донна ссис II-аг æппæтуæрæсейон æфсæддон æмтохæдты хъæзтыты æртыккаг призер, фехъусын кодта Sputnik спортсменкæйы тренер Созайты Владимир.

Радон уæлахиз: Дудайты Донна æмæ Тадтаты Софья рамбылдтой ЦКФЗ ерыстæ

Дудайты Донна у 2017 азы Уæрæсейы фыццагады æмæ бирæнымæц ерысты уæлахиздзау, архайы 45 кг уæзы.

Финалмæ фæндагыл Дудайты Донна ныддæрæн кодта йæ ныхмæлæуджыты, фæлæ кæройнаг тохы фæхæрд ис. Уый хыгъд ма йын фадат уыд æрмæст бронзæйыл стох кæнын, уым та йæ фидар удыхъæд æмæ хорз спортивон цæттæдзинад равдыста æмæ ссис æртыккаг призер.

"Йæ бон у бирæ фылдæр, тынг хорз цæттæ уыд, фæлæ психологон æгъдауæй нæ уыд цæттæ тохмæ. Нæ сæххæст кодта тренеры хæслæвæрдтæ дæр. Йæ спортивон карьерæйы уый уыд иууыл æвзæрдæр ралæуд", — банысан кодта йæ тренер.

Дудайты Донна та радон хатт йæхи сфæлвардзæн æрбалæугæ мæйы райдайæны Уæрæсейы фыццагады, æппæтуæрæсеон ерысты призтыл ма хуссарирыстойнаг спортсментæй тох кæндзæн Гаглойты Диана æмæ Тадтаты Софья дæр.