Хуссар Иры театралон архайд бахӕсдзысты иумӕйаг закондӕттынадмӕ

Ног законопроект ныридӕгӕн хорзыл банымадта Паддзахадон драмон театры сфӕлдыстадон коллектив
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕмӕнг хъӕуы театр ӕмӕ театралон архайды фӕдыл закон, уый тыххӕй парламенты националон культурæ, ахуырад, дин æмæ ДИФ комитет ӕввахс рӕстӕджы ӕркӕсдзӕн ӕмбӕлгӕ законыпроектмӕ, фехъусын кодта парламенты пресс-службӕ.

Куыд гом кодтой театр Цхинвалы – видео

Комитеты сӕрдар Гӕбӕраты Юрийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фембӕлды рӕстӕджы ацы позици хорзыл банымадтой Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры сфӕлдыстадон кусджытӕ.

"Театры спецификӕ алыхатт фидар нӕ вӕййы закондӕттынады. Театралон аивады традициты Республикӕ Хуссар Ирыстоны закон ӕмбӕлгӕ ӕмвӕзадыл нӕ хъахъхъӕны", — банысан кодта Гӕбӕраты Юри.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, закон хъӕуы райсын уый тыххӕй ӕмӕ нормӕтӕ, кӕцытӕ бӕрӕг кӕнынц паддзахад ӕмӕ театры ахастытӕ, фидаргонд не сты реализацийы конкретон механизмтӕй.

Парламенты пресс-службӕйы банысан кодтой, зӕгъгӕ, ахӕм бындур ныридӕгӕн ис библиотекон ӕмӕ архивон системӕтӕн, афтӕ ма музейтӕн дӕр. Ахӕм фӕлгонц уыдзӕн "Республикӕ Хуссар Ирыстоны театр ӕмӕ театралон архайды фӕдыл" законӕн дӕр, кӕцы арӕзт цӕуы республикӕйы нормативон базӕйы бындурыл.