ЦХИНВАЛ, 24 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий тӕфӕрфӕс ракодта ирайнаг коллегӕ Хасан Роуханийӕн Ахвазы ӕфсӕддон парады рӕстӕджы теракты фӕдыл, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
"Мах карзӕй стӕм терроризмы ныхмӕ ӕмӕ зонӕм, кӕй хъӕуы йӕ ныхмӕ тох кӕнын. Республикӕ Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад ӕмӕ адӕмы номӕй, кӕцы баст у Ираны адӕмимӕ уӕрӕх историко-культурон уидӕгтӕй, тӕфӕрфӕс кӕнын теракты амӕттӕгты бинонтӕн", — дзырдӕуы телы.
Ирайнаг горӕт Ахвазы теракт ӕрцыд сабаты райсом ӕфсӕддон парады рӕстӕджы. Теракты амӕттӕгты нымӕц у 28 адӕймаджы, 60 та фесты цӕфтӕ. IRNA агентад фехъусын кодта, зӕгъгӕ, теракты фӕдыл бӕрн йӕхимӕ райста къорд "Патриотическое арабское демократическое движение в Ахвазе", кӕцыйӕн ис бастдзинӕдтӕ Саудон Аравиимӕ.
Ираны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад фехъусын кодта, теракты фӕдыл бӕрн кӕй ис терроризмы регионалон армдарджытыл ӕмӕ сӕ америкайаг инструктортыл.