ЦХИНВАЛ, 24 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл ивгъуыд къуыри не сбӕрӕг кодтой фӕндагон-транспортон цаутӕ, фехъусын кодта республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Афтӕ ма уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ рабӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды фӕткы 200 фехӕлды, авд хатт шофыртӕ скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй.
Ӕнӕ фыдракӕндтӕй
Сабыр уыд криминалон уавӕр дӕр — иу къуыримӕ республикӕйы территорийыл не сбӕрӕг кодтой фыдракӕндтӕ, банысан кодтой МХМ.
Дзауы районы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ Назыджын хъӕуы цур хъӕды ссардтой ӕмӕ скуынӕг кодтой хъӕддаг гӕны 16 къутӕры.