ЦХИНВАЛ, 24 сен — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг спортсмен Хынцӕгты Сослан ссис дунейы чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй юниорты ӕхсӕн, хъусын кӕны республикӕйы спорты министрады пресс-службӕ.
Ерыстӕ кӕронмӕ бахӕццӕ сты словакаг горӕт Трнавайы хуыцаубоны, ирон спортсмен архайдта 125 килограмм уӕзы категорийы.
"Финалон тохы Хынцӕгты Сослан рамбылдта Али Медхат Адбе Барготайы Канадайӕ 7-0 хыгъдӕй. Спортсмены турнирмӕ бацӕттӕ кодтой Кокойты Таймураз ӕмӕ Исахъты Георгий", — банысан кодтой пресс-службӕйы.
Турниры бронзӕйы призер сисс ӕндӕр ирон хъӕбысхӕцӕг Бетанты Дэвид (74 килограмм), кӕцы рамбылдта индиаг спортсмен Сачин Ратхийы.