Хуссар Иры райдыдта гриппы ныхмӕ вакцинаци

Республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад бахатыд Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕм, цӕмӕй сӕххӕст кӕной низы ныхмӕ мадзӕлттӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны медицинон организациты 23 сентябрӕй фӕстӕмӕ райдыдта вакцинаци гриппы ныхмӕ, хъусын кӕны республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.

"Республикӕйы медицинон организациты 23 сентябрӕй фӕстӕмӕ райдыдта вакцинаци гриппы ныхмӕ. Вакцинаци уагъд цӕуы горӕты поликлиникӕтӕ, афтӕ ма централон районон рынчындӕтты дӕр", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад бахатыд Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕм, цӕмӕй сӕххӕст кӕной низы ныхмӕ мадзӕлттӕ.

Амӕйразмӕ цӕрджыты вакцинаци гриппы ныхмӕ райдыдта Цӕгат Ирыстоны дӕр.