Цхинвалы абырджытӕ бахызтысты бынӕттон сылгоймаджы хӕдзармӕ

Барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ райдыдтой агурын фыдгӕнджыты, къуырисӕры сӕм зианбаййафӕг сылгоймаг куы бадзырдта, уый фӕстӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрадмӕ фехъусын кодтой бынӕттон цӕрӕг сылгоймаджы хӕдзары адавды тыххӕй — ӕбӕрӕг гоймӕгтӕ рахастой ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕмӕ ювелирон фӕлындӕнтӕ.

Уагдоны пресс-службӕйы информацимӕ гӕсгӕ, барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ райдыдтой агурын фыдгӕнджыты, къуырисӕры сӕм зианбаййафӕг сылгоймаг куы бадзырдта, уый фӕстӕ.

"Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ уадзынц оперативон-сгарӕн мадзӕлттӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной ӕмӕ ӕрцахсой фыдгӕнджыты, кӕцытӕ адавтой ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕмӕ ювелирон фӕлындӕнтӕ Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаджы хӕдзарӕй", — дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, цауы ӕууӕлтӕ бӕрӕг кӕны Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайад.