Цхинвалы ссыгъд ӕдзӕрӕг хӕдзар

Зынгсирвӕзты аххосаг нырма не сбӕрӕг кодтой, уӕлвӕткон уавӕрты министрады специалисттӕ кусынц цауы бынаты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik. Цхинвалы Хъоцты Къостайы уынгыл ӕдзӕрӕг хӕдзары ӕрцыд зынгсирвӕзт, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ).

"Развӕлгъау информацимӕ гӕсгӕ, зынгсирвӕзт ӕрцыд ӕдзӕрӕг хӕдзары ныккӕнды. Арт хуыссын кӕнынмӕ ӕрбацыд иу зынгфӕдисон хӕдтулгӕ", — дзырдӕуы министрады хъусинаджы.

Ныртӕккӕ специалисттӕ ӕххӕст кӕнынц мадзӕлттӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной ссыгъды аххосӕгтӕ. Зынгсирвӕзты фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй, бафтыдтой уӕлвӕткон уагдоны.