Хуссар Иры парламенты спикер схорзӕхджын кодта фыццаг ӕрсидты депутаты

Депутатӕн радтой паддзахадон хорзӕх республикӕйы паддзахаддзинады арӕзтад ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад бахъахъхъӕныны тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты сӕргълӕууӕг Гасситы Петр республикӕйы президенты фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ схорзӕхджын кодта фыццаг ӕрсидты депутат Джиоты Ибрагимы, хъусын кӕны парламенты пресс-службӕ.

Хуссар Иры юстицийы министрады кусджытӕн радтой хорзӕхтӕ

Депутатӕн радтой майдан "Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстон хӕсты адӕмы уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн" республикӕйы паддзахаддзинады арӕзтад ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад бахъахъхъӕныны тыххӕй.

Спикер банысан кодта парламенты фыццаг ӕрсидты куысты ахсджиагдзинад. Афтӕ ма уый загъта бузныг Джиоты Ибрагим ӕмӕ йӕ коллегӕтӕн сӕ хъӕбатыр ӕмӕ ахсджиаг къахдзӕфты тыххӕй уыцы зын рӕстӕджыты республикӕйӕн.

Депутат загъта бузныг хъусдарды тыххӕй фыццаг ӕрсидты депутаттӕм.

"Мӕнӕн мӕ зӕрдӕ райы, кӕй нӕ нӕ рох кӕнут ӕмӕ нӕм ахӕм хъусдард здӕхт кӕй ис. Мӕнӕн тынг ӕхсызгон у абон ам уын. Ацы кабинеты мах бирӕ бонтӕ ӕмӕ ӕхсӕвтӕ арвыстам.Уӕд мах нӕ уырныдта, абон мах кӕй цӕрдзыстӕм хӕдбар паддзахады ахӕм хорз уавӕрты", — загъта Джиоты Ибрагим.

Афтӕ ма Гасситы Петр раздӕры президент Тыбылты Леониды 2016 азы указмӕ гӕсгӕ радта Джиоты Ибрагимӕн майдан "Республикӕ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сӕххӕсты цытӕн".