Цхинвалы фæзынд интернет-лæггæдты фидыны терминалтæ

Октябры кæронмæ столицæйы алкæцы районты дæр уыдзæн фадат æппæт мобилон операторты хыгъдыл сæвæрын æхцайы фæрæзтæ, интернетæн бафидын æмæ"QIWI Кошелек"-ы операцитæ скæнын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны интернет-провайдер "Юг-Телеком" столицæйы сæвæрдта фидыны терминалтæ. Цхинвалы 11 базарадон объекты фæзынд фадат бафидын интернет æмæ мобилон лæггæдтæн, фехъусын кодта Sputnik компанийы инженер Гаглойты Сослан.

Хуссар Ирыстоны сæйраг сахар бамбæрзынæн хъæуы 16 терминалы, уыдонæй ныридæгæн æрцыд æвæрд 11.

"Терминалтæ иууылдæр æвæрд фæуыдзысты ног мæйы кæронмæ. Ныридæгæн уал горæты дуканиты æмæ кофейняты æвæрд æрцыдысты терминалтæ. Ис дзы горæты кæрæтты æмæ йæ центры дæр, зынгæ фенцондæр ис лæггæдтæй пайда кæныны фæтк", — загъта компанийы инженер.

Уый банысан кодта, терминалты ма æввахс рæстæджы кæй фæзындзæн фадат "Остелеком"-ы номырты хыгъдыл æхцайы фæрæзтæ сæвæрынæн дæр.

Коцты Григорий: Цхинвалы ныридæгæн пайда кæнынц ног интернет-провайдерæй

"Цæттæ цæуы бадзырд мобилон бастдзинады бынæттон оператор "Остелеком"-имæ. Йæ сфидары фæстæ терминалты фæрцы фадат уыдзæн сæ мобилон номыртыл фæрæзтæ сæвæрынæн. Ныр дæр терминалты ис бирæ фадæттæ, се ʻхсæн æндæр мобилон операторы номырты æхца æвæрын æмæ "QIWI Кошелек"-ы операци скæнын", — бафтыдта уый.

Терминалтæ ныридæгæн кусынц ахæм микрорайонты, куыд Цæрæн массив, Царз, БАМ, афтæ ма централон уынгты базарадон объектты.

"Ӕхсызгон мын уыд мæ хæдзармæ хæстæг дуканийы ахæм терминал фенын. Бонæй мын куы рæстæг нæ фæвæййы, куы фæзивæг кæнын интернет-лæггæдты сæйраг офисмæ æмæ ныффæстиат вæййы хъуыддаг. Æцæг терминал исы уæлæмхас фæрæзтæ, фæлæ зынгæ не сты", — загъта горæты цæрæг Зæринæ.

Хæтæлон интернет-лæггæтты компани "Юг-Телеком" фæзынд 2017 азы, ныридæгæн йæ лæггæдтæй пайда кæнынц горæты фылдæр хайы.