Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсе бафыстой демаркацион къамисы уагӕвӕрд

Иумӕйаг къамис хъуамӕ скъуыддзаг кӕна фарстытӕ ӕмӕ ӕххӕст кӕна республикӕйы арӕны демаркацийы куыстытӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 сен — Sputnik. Мӕскуыйы ацыд Иумӕйаг хуссарирыстойнаг-уӕрӕсейаг демаркацион къамисы фыццаг рабадт, хъусын кӕны республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты (ФХМ) пресс-службӕ.

Куыд уагътой Гуырдзыстонимӕ арӕн: Хуссар Иры сарӕзтой сӕрмагонд къамис

Къамисы уӕнгты рабадт ацыд 25-27 сентябры хӕларадон уавӕры, банысан кодтой ӕддагполитикон уагдоны. Фарсытӕ бафыстой Иумӕйаг хуссарирыстойнаг-уӕрӕсейаг къамисы уагӕвӕрд.

Иумӕйаг къамисы радон рабадт ацӕудзӕн Хуссар Ирыстоны, бафтыдтой ФХМ. Рабадты дырыс датӕ сбӕрӕг кӕндзысты фӕстӕдӕр.