Хуссар Иры МХМ агуры Уӕрӕсейы Федерацийы фесӕфӕг ӕмбӕстаджы

Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ дыккаг бон агурынц фесӕфӕг ӕвзонг лӕппуйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ агурынц Уӕрӕсейы Федерацийы фесӕфӕг ӕмбӕстаджы — 21-аздзыд Евгений Кузнецовы.

"Оперативон-сгарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы нырма не сбӕрӕг кодтам йӕ бынат. Хатӕм алкӕмӕдӕр, кӕмӕ ис информаци фесӕфӕг ӕмбӕстаджы тыххӕй, фехъусын кӕнын милицийы радгӕсон хайадмӕ", — фехъусын кодта Sputnik республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ).

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, гаранти дӕттынц, кӕй схорзӕхджын кӕндзысты фесӕфӕг ӕмбӕстаджы бынаты фӕдыл информацийы тыххӕй.