Ныммыхуыр кодтой Захарченкойыл теракты видео

Донецкы Адӕмон Республикӕйы сӕргълӕууӕг фӕмард теракты фӕстиуӕгӕн ацы аз августы кӕрӕтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 окт — Sputnik. Донецкы Адӕмон Республикӕйы сӕргълӕууӕг фӕмард срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн, кӕцыйы видео фӕзынд хызӕджы. Видео ныммыхуыр кодта телеканал "Россия 1".

Видеойы зыны, республикӕйы сӕргълӕууӕджы кортеж куыд баскъӕрдта кафе "Сепар"-мӕ Донецкы. Агъуыстмӕ бахызт хъахъхъӕнынадон службӕйы кусӕг, Захарченко ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнӕг. Уый фӕстӕ уайтагъд срӕмыгъд бомбӕ.

Донецкаг Адӕмон республикӕйы сӕргълӕууӕг фӕмард 31 августы изӕры Донецкы центры кафе "Сепар"-ы срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн. Фӕмард ма Захарченкойы хъахъхъӕнджытӕй иу. Уӕлвӕткон уавӕрты министрады информацимӕ гӕсгӕ, зиан баййӕфтой 11 адӕймаджы. Донецкы хицауад срӕмыгъд банымадтой терактыл.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.