Хуссар Иры ӕрцахстой гуырдзыстойнаг сылгоймаджы

Гуырдзиаг хъӕуы цӕрӕг сылгоймаг ӕхцайыл ӕххуыс кодта арӕны сӕрты ӕнӕзакононӕй ахизынӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) арӕнгӕрон службӕйы кусджытӕ ӕрцахстой Ленингоры районы цӕрӕн пункт Ӕмдзӕрины цур Гуырдзыстоны 37-аздзыд ӕмбӕстаг  сылгоймаджы. Уый тыххӕй фехъусын кодта комитеты пресс-службӕ.

Гуры муниципалитеты Хурвалеты хъӕуы цӕрӕг сылгоймаг ӕнӕзаконӕй ахызт хуссарирыстойнаг-гуырдзыстойнаг арӕны сӕрты сабаты, 29 сентябры.

"РХИ ПӔК кусджытӕ сылгоймаджы ныхмӕ бакодтой уголовон хъуыддаг арӕн ӕнӕзакононӕй ахизыны тыххӕй", — дзырдӕуы ПӔК хъусинаджы.

Гуырдзыстойнаг сылгоймаг бирӕ рӕстӕг ӕхцайыл ӕххуыс кодта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны цӕрджытӕн паддзахадон арӕн ӕнӕзакононӕй ахизыны.

Ленингоры районы тӕрхондон рахаста уынаффӕ, цӕмӕй сылгоймаджы сбадын кӕной ахӕстоны дыууӕ мӕймӕ.