Уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнджытӕ загътой бузныг Хуссар Ирӕн уазӕгуарзондзинады тыххӕй

Ӕртӕазон командировкӕйы кӕрон Уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнджытӕ загътой журналисттӕн сӕ хъуыдытӕ республикӕйы царды тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 окт — Sputnik, Уалыты Диана. Фӕстаг фембӕлд ЦКХ ӕмӕ экономикӕйы фӕдыл уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнджытимӕ ацыд дыццӕджы Sputnik пресс-центры. Фембӕлды рӕстӕджы Михаил Герасимов, Вера Денк ӕмӕ Павел Ковальский радзырдтой сӕ куысты фӕстиуджыты тыххӕй Хуссар Ирыстоны.

Экономикӕйы министры уынаффӕгӕнӕг Павел Ковальский загъта, ӕртӕ азмӕ йын кӕй ӕрӕмбырд бирӕ тӕлмӕнтӕ — бантыст саразын бирӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ райсын хорз фӕстиуджытӕ.

"Ӕз никуы хъуыды кодтон, Фӕскавказмӕ кӕй ӕрцӕудзӕн. Фӕнды мӕ зӕгъын бузныг Хуссар Ирыстонӕн, кӕй мын уыд фадат ам кусынӕн. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бузныг Sputnik радон ӕрхуынды тыххӕй", — загъта уынаффӕгӕнӕг.

Пресс-конференция с участием российских советников

ЦКХ фарстыты фӕдыл уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг Вера Денк дӕр загъта бузныг Sputnik.

"Фӕнды мӕ зӕгъын бузныг Sputnik, фадат нын кӕй радтой информаци бадӕттын Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн, афтӕ ма иумӕйаг ӕмгуыстады тыххӕй дӕр", — бахахх кодта Вера Денк.

Уый банысан кодта, республикӕ сӕ тынг хорз кӕй райста ӕмӕ уый тыххӕй кусын дӕр уыд ӕнцон.

Пресс-конференция с участием российских советников

Афтӕ ма уынаффӕгӕнӕг загъта, Хуссар Ирыстоны адӕм ӕй кӕй сахуыр кодтой уазӕгуарзондзинадыл.

"Бирӕ адӕмимӕ мын фӕзынд Цхинвалы хӕларадон ахастытӕ, адӕм нӕм ноджыдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц уазӕгуаты. Мах дӕр цӕттӕ стӕм уыдон фӕхонын нӕ фыдыбӕстӕмӕ", — загъта Вера Денк.

Арӕзтады фӕдыл уынаффӕгӕнӕг Михаил Герасимов дӕр сразы ис йӕ коллегӕтимӕ, кусӕгон командировкӕйы рӕстӕджы йын кӕй фӕзынд бирӕ ӕмбӕлттӕ Хуссар Ирыстоны.

"Хуссар Ирыстоны адӕм сты тынг позитивон, цӕттӕ сты кусынмӕ. Ӕз мысдзӕн Хуссар Ирыстоны цард, бирӕтимӕ схӕлар дӕн, ӕмӕ дарддӕр дӕр уыдзыстӕм хорз ӕмбӕлттӕ", — банысан кодта уый.

Пресс-конференция с участием российских советников

Уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнджытӕ ӕртӕ аз куыстой Хуссар Ирыстоны цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады фарстытыл, афтӕ ма ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад, ахуырад ӕмӕ экономикон райрӕзты фадыджы. Дарддӕр дӕр ацы программӕ кусдзӕн, республикӕмӕ фӕхондзысты алыгъуызон фадгуыты нарӕг профилон специалистты.