Цхинвайлаг боксер рамбылдта æхсæнадæмон турнир Абхазы

Абхазы уагъд цæуæг турниры уæлахизмæ фæндагыл Тыбылты Тамерлан ныддæрæн кодта æртæ ныхмæлæууæджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг боксер Тыбылты Тамерлан ссис æхсæнадæмон турниры уæлахиздзау юниорты ʻхсæн Абхазы, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Хаситы Владислав.

Турнир нывонд уыд Советон цæдисы спорты мастер, Абхазы Леоны ордены кавалер Георгий Блабæн.

"Хуссар Ирæй турнирмæ ацыд цыппар лæппуйы. Иттæг хорз бæрæггæнæтæ равдыста Тыбылты Тамерлан, уый ныддæрæн кодта æртæ ныхмæлæууæджы æмæ ссис турниры уæлахиздзау юниорты хсæн. Уалыты Алан та ссис бронзæйон призер. Аннæ лæппутæ дæр рамбылдтой фæйнæ тохы", — загъта тренер.

Хуссар Ирыстоны спортивон кад Тыбылты Тамерлан æмæ Уалыты Аланæй дарддæр хъахъхъæдтой Гæджиты Гурам æмæ Бестауты Аслан. Ӕхсæнадæмон турниры тох кодтой Уæрæсейы бирæ регионты æмæ Цæгат Кавказы республикæты минæвæрттæ æмæ фысым спортсментæ, æдæппæтæй 250 спортсмены.

Цхинвайлаг боксертæ æхсæнадæмон турниры

Тыбылты Тамерлан у бирæнымæц турнирты чемпион, се ʻхсæн Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæ æмæ æхсæнадæмон турниртæ. Цæттæ йæ кæнынц тренертæ Хаситы Владислав æмæ Санахъоты Аслан.