ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik. Авари, кӕцы ӕрцыд Цхинвалы Пионерон парчы централон бахизӕны ныхмӕ, бахаудта видеоцӕстдарды камерӕтӕм.
Авария перед пионерским парком
© Видео с камеры видеонаблюдения
Видеойыл зыны, фистӕг бӕлццӕттӕ раст ран кӕй нӕ хизынц фӕндаг. Цӕмӕй сыл ма сӕмбӕла, уый тыххӕй LADA Granta хӕдтулгӕйы шофыр сӕмбӕлд BMW-йыл, кӕцы лӕууыд фӕндаггӕрон. Хӕдтулгӕ уыд республикӕйы министрӕдтӕй иуы уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕджы. Инерцимӕ гӕсгӕ хӕдтулгӕ бацавта йӕ разӕй лӕууӕг машинӕйы дӕр.
Цӕстӕйфенджыты информацимӕ гӕсгӕ, цауы бынатмӕ ацыдысты республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ, кӕцытӕ ӕрфарстой шофырты ӕмӕ ФТЦ цӕстӕйфенджыты. Аварийы фӕстӕ LADA Granta-йы шофыры аластой Цхинвалы Республикон соматикон рынчындонмӕ.
Республикӕйы МХМ банысан кодтой, ныртӕккӕ кӕй бӕрӕг кӕнынц цауы ӕууӕлтӕ.