Хуссар Иры УУМ нысан кӕны йӕ сæвзæрды юбилей

Ацы аз Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад нысан кӕны йӕ бындурæвæрды 10 азы сӕххӕсты бӕрӕгбон
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) цыппӕрӕмы нысан кӕны дӕс азы юбилей. Уӕлвӕткон уавӕрты министрад саразыны фӕдыл бадзырд бафыстой 2008 азы 4 октябры, Хуссар Ирыстоны хӕстӕй дыууӕ мӕй фӕстӕдӕр. Уагдоны арӕзтад цыд Уӕрӕсейы УУМ активон ӕххуысы руаджы.

Уӕлвӕткон уавӕрты министр Тадтаты Алан банысан кодта, зӕгъгӕ, дӕс аз ахӕм стыр ӕмгъуыд нӕу нырма. Министр банысан кодта, иуылдӕр кӕй уыдтой, УУМ кӕй ссис профессионалон уагдон, кӕцы алыхатт дӕр ӕххӕст кӕны йӕ хӕслӕвӕрдтӕ.

"Мӕ ныхӕсты ӕвдисӕн у нӕ зынгфӕдисонты, ирвӕзынгӕнджыты ӕмӕ ӕндӕр хайадты куыст", — загъта министр.

Алан Тадтаев

УУМ сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта йӕ коллегӕтӕн ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта, цӕмӕй уа цъусдӕр уӕлвӕткон уавӕртӕ, фӕлӕ цӕмӕй министрады кусджытӕ алыхатт дӕр уой цӕттӕ профессионалон куыст кӕнын ӕмӕ аразын алцыдӕр адӕмы ирвӕзын кӕнынӕн.

Построение сотрудников МЧС РЮО