Хуссар Иры президент бабӕрӕг кодта Гуфта-Къуайса фӕндаджы арӕзтад

Фӕндаджы арӕзтад фӕнд кодтой фӕуын октябры райдайӕны, фӕлӕ куысты стыр бӕрцуаты тыххӕй фӕндаг эксплуатацимӕ раттыны ӕмгъуыд аивтой
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта Гуфта-Къуайса фӕндаджы арӕзтад, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Къуаисайы мидæггагон фæндæгты æмбис арæзт æрцæудзæн 2018 азы

Фӕндаджы арӕзтад, кӕцыйы дӕргъ у дӕс километр, нывӕндынц фӕуын ноябры райдайӕны. Фӕндаг аразджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдонмӕ ис ӕмбӕлгӕ ӕрмӕджытӕ ӕмӕ техникӕ дӕр. Фыццаг фӕндаджы арӕзтад хъуамӕ фӕуыдаиккой октябры райдайӕны, фӕлӕ куысты стыр бӕрцуаты тыххӕй объект эксплуатацимӕ раттыны ӕмгъуыд аивтой.

Бибылты Анатолий куы бабӕрӕг кодта фӕндаджы арӕзтад, уӕд баныфсӕвӕрдта, куыстытӕ кӕй фӕуыдзысты нысангонд ӕмгъуыдмӕ.

Гуфта — Къуайса фӕндаджы арӕзтад бахастой Республикӕ Хуссар Ирыстоны Инвестицион программӕмӕ, проект ӕххӕст кӕны "Дорэкспострой". 2015-2017 ӕзты арӕзт ӕрцыд фӕндаджы хай Гуфтайӕ Хъемултамӕ, кӕцыйы дӕргъ у 13 километр.