— Абон ӕрмӕст махæн нӕу бæрæгбон, бæрæгбон у алкæмæн дæр! Алчидæр йæ царды рацыд ахуыргæнджыты къухтыл. Ахæм адæймаг нæй, кæцы нæ рахатыд ахуыргæнæджы тызмæг æнгас, науæд нæ фехъуыста йæ фæлмæн ныхас. Ацы бон алкæцы ахуыргæнæг дæр æнхъæлмæ кæсы уæлæмхас циндзинадмæ. Мах дæр нæ фæлмæцæм нæ хорз ахаст æмæ æнкъарæнтæ æвдисынӕй. 9 октябры, ПККЗ "Чермен"-ы цытджын уавæры нысан цæудзæн Ахуыргæнæджы бон. Хонæм æппæт ахуыргæнджыты мадзалмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдзæн уагдонон хорзæхтæ æмæ, уырны мæ, паддзахадон хæрзиуджытæ дæр. Бæрæгбон хъуамæ уа бæрæгбон.
— Цалынмæ ахуырады министрæй нысан æрцыдтæ, уæдмæ куыстай ахуыргæнæгæй. Нæ æрæмысыс ацы куыст?
— Мæ ахуыргæнинæгтæй алкæцыйы тыххæй дæр мæ бон у радзурын бирæ-бирæ цымыдисонæй, ирдæй æмæ рæсугъдæй. Мæнæн Хуыцау ахæм амонд радта æмæ мын уыд ахæм ахуыргæнинæгтæ, кæцыты банымайæн ис дæнцæгыл, стæй ма уыдон мæнæн ссисты хæлæрттæ, мæ цæдисонтæ. Ӕз тынг мысын скъолайы куысты рæстæг, уæлдæр ахуыргæнæн уагдоны та абон дæр кусын.
Тынг бирæ хæттыты-иу мын мæ ахуырдзаутæ аивадон уацмыстæ раргом кодтой ног цæстæнгасæй, мæнæн æнæуынгæ цы уыд, уыдæттæ. Бирæ фысджытæ æмæ поэтты æз мæхицæн бакодтон ногæй уыдон фæрцы.
— Куыд ифтонг сты скъолатæ ахуыргæнæн æрмæгæй, чингуытæй?
— Фæнды мæ зæгъын æххуысы тыххæй. Зæгъæм, Ленингоры ног уырыссаг æмæ Цъинагары астæуккаг скъоламæ "Россотрудничество" тынг фæкаст, балæвар сын кодта мин ахуыргæнæн чиныджы бæрц.
Ӕгæрыстæмæй ма нын нæ фæндонтæ дæр бахынцыдтой. Хъыгагæн, мæ бон нæу зæгъын æмæ махмæ кусы нывæзт "æнæаргъ чиныг", уый у фидæны хъуыддаг. Фæлæ бюджетон фæрæзтыл цæст ахæсгæйæ мах рекомендаци кæнæм горæт æмæ районтæн фæстауæрцон фæрæзтæй чингуытæ æлхæнын. Æртæ азы кусæм ахæм нывæзтмæ гæсгæ. Фæлæ уый дæр проблемæ нæ лыг кæны. Ис æввæрццаг тенденци — фылдæр кæнынц ахуырдзаутæ, ууыл цин кæнæм, фæлæ ахуыргæнæн чингуытæ нал фаг кæнынц. Арæзт æрцыд сæрмагонд къамис, ахуыр кæнæм уавæр скъолаты библиотекæты, архайæм, рабæрæг кæнæм, цы нæ фаг кæны, уыдон. Абон уадзынц фæлмæн цъары чингуытæ, уымæ гæсгæ тагъддæр æрцæуынц мæгуыр уавæрмæ.
— Ахуыргæнджытæ та Хуссар Иры цы предметтæй нæ фаг кæны?
— Дипломджын адæм нæм бирæ ис, фæлæ æцæг зæрдæрардæй чи куысы, уыдон сты къаддæр. Нæ фаг кæнынц ахуыргæнджытæ дырыс зонынады – математикæ, физикæ. Стæй ма æрдзон зонæнты, информатикæйы æвзонг курдиатджын ахуыргæнджыты райсиккам æхсызгонæй. Фæстаг æзты техникон хаххыл цæуы фылдæр фæсивæд æмæ фæзынд дырыс зонæнты ахуыргæнджытæ дæр.
— Фæсарæнты ахуырмæ цы хаххыл лимиттæ сты иууыл популярондæр, цы дæсныйæдтæ æвзарынц абон фæсивæд?
— Фæкъаддæр ис, юриспруденци æмæ экономикæ сахуыр кæнын чи сфæнд кодта, уыдон нымæц. Фæлæ уæддæр ис ахæм дæсныйæдтæ, кæцытыл сахуыр кæнын стæмты фæнды, се ʻхсæн хъæууон хæдзарады фадыджы. Афтæ ма, хъыгагæн, ацы аз Цхинвалы бирæпрофилон колледжы хуыйæджы факультет бахъуыд сæхгæнын, уымæн æмæ йæм не ʻрбацыд абитуриенттæ.
— Цы проблемæтæ ис абон хъæуты скъолаты?
— Цъус ис сывæллæттæ хъæууон скъолаты, фæлæ уый ахуырады фадыджы проблемæтимæ баст нæу — хъæуты куыст нæй. Мах иу скъола дæр не ʻхгæнæм. Ахуыргæнджытæ дзы фаг кæны.
— Уæрæсейы дзырд цæуы, цæмæй къласгæстæй уромой нæлгоймæгты, нымад цæуы, ома ацы хъуыддаджы нæлгоймаг хуыздæр кæй арæхсы. Хуссар Ирыстоны та ацы хъуыддаг куыд у?
— Æз дæн ацы хъуыдыйы фарс. Хъæуы раздахын нæлгоймæгты скъоламæ. Хъыгагæн, нæлгоймæгтæ сæхæдæг хъомылады фарст сылгоймаджы сæртæг уæхсджытæм аргъæвтой. Сылгоймæгтæ та райстой ацы бæрн сæхимæ. Ацы хабар хъæуы цадæггай раивын.