Сӕрыстыр стӕм нӕ ахуыргӕнджытӕй: Хуссар Иры нысан кӕнынц Ахуыргӕнӕджы бон

Ахуырады фадыджы кусджыты ӕппӕтдунейон профессионалон бӕрӕгбон ССРЦ раздӕры бӕстӕты нысан кӕнынц 5 октябры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта республикӕйы ахуыргӕнджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Гасситы Натали Ахуыргæнджыты бон, æнтыстытæ æмæ проблемæты тыххæй

Президент банысан кодта, зӕгъгӕ, ахуыргӕнджыты уӕззау куыстӕн алыхатт дӕр стыр кад кодтой.

"Сымах алыхатт дӕр профессионалонӕй ӕххӕст кодтат уӕ хӕстӕ, куыстат ахуырады гъӕд фӕхуыздӕр кӕныныл. Ӕмӕ абон мах сӕрыстыр стӕм нӕ зондджын ӕмӕ кадджын ахуыргӕнджытӕй, кӕцытӕн професси ссис сӕ ӕнӕхъӕн царды куыст", — дзырдӕуы президенты арфӕйы.

Афтӕ ма Бибылты Анатолий баныфсӕвӕрдта, Хуссар Ирыстоны ахуыргӕнджытӕ дарддӕр дӕр сӕ тыхтӕ кӕй дӕтдзысты республикӕйы ӕвзонг фӕлтӕры хъомыладмӕ.