Черчесты Станиславы фӕхуыдтой Фыццаг каналмӕ "Познер"-мӕ

Черчесты Станислав сдзуапп кӕндзӕн фарстытыл Владимир Познеры программӕйы къуырисӕры, 23.45 сахатыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik. Уӕрӕсейы футболы командӕйы сӕйраг тренер Черчесты Сталислав хайад райсдзӕн "Познер" программӕйы Фыццаг каналыл, фехъусын кодта социалон хызӕг Instagram-ы йӕ официалон фарсыл амонӕг Владимир Познер.

Черчесты Станислав ӕмӕ йӕ командӕйы схорзӕхджын кӕндзысты Думӕйы

"Познер" у журналист Владимир Познеры программӕ-интервью, цы ран уый ныхас кӕны йӕ уазджытимӕ политикӕ, культурӕ ӕмӕ ӕхсӕнады проблемӕтыл.

Черчесты Станислав сдзуапп кӕндзӕн фарстытыл ног сезоны фыццаг программӕйы, уый эфиры рацӕудзӕн къуырисӕры, 23.45 сахатыл.

Черчесты Станислав слӕууыд Уӕрӕсейы командӕйы сӕргъ 2016 азы. Сентябры уый бахауд 2018 азы 10 хуыздӕр тренеры номхыгъдмӕ Футболы Ӕхсӕнадон федерацийы (ФИФА) версимӕ гӕсгӕ.