"Симд" æмæ "Алан" ратдзысты иумæйаг концерт Дзæуджыхъæуы

Мадзал æххæст цæуы культурон æмархайды нывæзт "Мост дружбы"-йы фæлгæтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ирыстоны дыууæ хайы сæйраг паддзахадон ансамбльтæ "Симд" æмæ "Алан" ратдзысты иумæйаг концерт Дзæуджыхъæуы, фехъусын кодта Sputnik Галаты Борисы номыл РХИ кафт æмæ зарды ансамбль "Симд"-ы сæйраг администратор Гаглойты Кристина.

Уарзæгой Маштибат: "Симд" сæвæрдта ног кафт

"Цæгат Кавказы республикæты ансамбльты ʻхсæн культурон бастдзинæдтæ сфидар кæныны нысанæн коллективтæ дæттынц иумæйаг концерттæ. Ирыстоны дыууæ хайы сæйраг къордтæ дæр ратдзысты иумæйаг концерт Дзæуджыхъæуы Тæбæхсауты Балойы номыл Ирон театры. Мадзал ацæудзæн дыууæ хаййæ, дыккаджы архайдзæн цхинвайлаг ансамбль", — загъта Гаглойты Кристина.

Уый ма радзырдта, фæстæдæр ма кæй хъавынц æндæр коллективтимæ дæр саразын иумæйаг концерттæ.

Культурон форум Ирон театры сценæйыл ацæудзæн 22 октябры.