Хуссар Иры банысан кодтой хицауады аппараты сӕвзӕрды бон

Хицауады аппараты кусджытӕн раарфӕ кодта республикӕйы хицауады сӕрдар Пухаты Эрик
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады аппараты кусджытӕ банысан кодтой уагдоны сӕвзӕрды 12-ӕм афӕдзы бон, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Хуссар Иры хицауад фӕивар кӕндзӕн ӕмгъуыд халӕг нардуатисджыты

Хицауады сӕрдар Пухаты Эрик банысан кодта, зӕгъгӕ, хицауады аппаратӕн ис тынг ахсджиаг фӕлгонц паддзахадон органты системӕйы.

"Хицауады аппараты куыст, кӕцы ӕххӕст кӕны хицауады архайды барадон, организацион, документацион, информацион, аналитикон ӕмӕ хӕдзарадон бындур, баст у ӕххӕстгӕнӕг хицауады органты куыстыл. Нӕ коллектив нырма у ӕвзонг, фӕлӕ йын ис стыр потенциал, цӕмӕй дарддӕр райтынг уа", — загъта Пухаты Эрик.

Пухаты Эрик ма банысан кодта республикӕйы хицауад ӕмӕ парламенты ӕхсӕн ахастыты хорз тенденци.