Хуссар Иры ацыд Сиукъаты Таймуразы мысӕн чемпионат хъӕбысхӕст ӕмӕ самбойӕ

Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады МСНК командӕгӕнӕджы номыл чемпионат ӕрӕмбырд кодта 15 азы кары хайадисджыты республикӕйы районтӕ ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ацыд Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) Сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) командӕгӕнӕг, ССРЦ спорты мастер, алыгъуызон турнирты уӕлахиздзау Сиукъаты Таймуразы мысӕн чемпионат уӕгъдибар хъӕбысхӕст ӕмӕ самбойӕ. Ерысты хайад райстой 15 азы кары хъӕбысӕйхӕцджытӕ ӕмӕ самбисттӕ Цхинвал, республикӕйы Знауыры ӕмӕ Дзауы районӕй, афтӕ ма Цӕгат Ирыстонӕй дӕр.

В Южной Осетии прошел чемпионат памяти мастера спорта СССР Таймураза Сиукаева

Мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь раарфӕ кодта ерысты хайадисджытӕн ӕмӕ загъта бузныг организатортӕн ӕвзонг фӕлтӕры хъомылад ӕмӕ спорты райрӕзты хайбавӕрды тыххӕй.

"Бузныг Дзауы районы администрацийы сӕргълӕууӕг Макъоты Уырызмӕгӕн ӕмӕ Коцты Валерьянӕн, кӕцытӕ бахӕссынц стыр хайбавӕрд Сиукъаты Таймуразы номарӕн турнир ауадзынмӕ. Сиукъаты Таймураз куыста Ирыстоны хӕрзӕбонӕн, Таймураз ӕмӕ уый хуызӕн лӕппуты фӕрцы махмӕ абон уагъд цӕуынц спортивон мадзӕлттӕ", — загъта уагдоны сӕргълӕууӕг.

Ерысты уӕлахиздзаутӕн радтой кубоктӕ, грамотӕтӕ ӕмӕ майдантӕ.

Сиукаты Таймуразы номарӕн турнир республикӕйы цӕуы ныридӕгӕн фӕндзӕм хатт. Организатортӕн финансон ӕххуыс бакодта Хуссар Ирыстоны МХМ ӕмӕ Дзауы районы администраци.